Ныфс зын рæстæджыты

Чизоны дӕ царды ӕрцыд фыдохы цау, фӕдӕ фыдӕнхъӕл ӕмӕ нӕ зоныс, куыд ӕрбабмырд кӕнай ногӕй дӕ хъару ӕмӕ куыд адарддӕр кӕнай дӕ фӕндаг. Кӕнӕ чизоны цуды де ‘нӕниздзинад ӕмӕ дын нӕй дохтырмӕ бацӕуыны фадат, цӕмӕй дӕ уый басгара. Ӕз хорз зонын, дунейы ахӕм адӕм бирӕ ис, абонӕй райсоммӕ сӕ бӕркад кӕмӕн у, ӕмӕ ма райсом сӕхицӕн хӕлц – хӕринаг самал кӕныны ныфс дӕр кӕмӕн нӕй.

Уӕззау зындзинӕдтыл фембӕлгӕйӕ, махӕн арӕх амӕлы не уонг, асӕтты нӕ ныфс ӕмӕ нӕм ӕрцӕуы фӕстӕмӕ алӕууыны хъуыды. Фӕлӕ ахӕм уавӕры нӕ бон саразын цы у, уымӕй ӕппӕты хуыздӕр у нӕ ныфс Хуыцауыл сӕвӕрын, цӕмӕй ма асӕтта нӕ ныфс. Цымӕ цы у ныфс? Ныфс у – кӕцыфӕнды уысм дӕр нӕ царды исты хорз ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ, уыцы фидар ӕууӕнчы ӕнхъӕлцаудзинад. Уый ӕнгом баст у нӕ уырнынад ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы уагимӕ. Ныфсӕй йемыдзаг куы вӕййӕм, уӕд нӕ цард байдзаг вӕййы цин ӕмӕ фарнӕй.

Знаг ӕдзухдӕр архайы ууыл, цӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт ма кӕла, цӕмӕй нӕ бауырна, нӕ царды мидис сӕфт кӕй ӕрцыд ӕмӕ дзы хорзӕй кӕй ницыуал уыдзӕни. Фӕлӕ Хуыцауы та фӕнды, цӕмӕй мах цӕрӕм ныфсджынӕй, Ууыл ӕууӕндгӕйӕ ӕмӕ йӕ арфӕдзинады ӕнхъӕлцауӕй. Библийы фыст ис, Уый «ныфсы Хуыцау» кӕй у, хорзӕхӕй йедзаг ӕмӕ нын нӕ цард ногӕй райдайыны фадат кӕй аразы (кӕс Ромӕгтӕм ӕрвыст 15:13).

Зæгъ сын, Æз сæ кæй уарзын, уый

Зæгъ сын, Æз сæ кæй уарзын, уый

Хуыцауы хъæуы бинонтæ, æмæ уый тыххæй сарæзта мах, цæмæй уæм йæ сывæллæддæ.
ФАРН

ФАРН

Цалдæр хатт бакæс ацы æмдзæвгæ, ахъуыды йыл кæ, уадз æй бауыдайын дæ зонд.
Facebook icon Twitter icon Instagram icon Pinterest icon Google+ icon YouTube icon LinkedIn icon Contact icon